1
Райдиан 50:20
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.
ತಾಳೆಮಾಡಿ
Райдиан 50:20 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
2
Райдиан 50:19
Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн.
Райдиан 50:19 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
3
Райдиан 50:21
Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.
Райдиан 50:21 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
4
Райдиан 50:17
Йосефӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Йосеф куыдта.
Райдиан 50:17 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
5
Райдиан 50:24
Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».
Райдиан 50:24 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
6
Райдиан 50:25
Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».
Райдиан 50:25 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
7
Райдиан 50:26
Йосеф амарди, дӕс ӕмӕ йыл фондзыссӕдз азы куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.
Райдиан 50:26 ಅನ್ವೇಷಿಸಿ
ಮುಖಪುಟ
ಬೈಬಲ್
ಯೋಜನೆಗಳು
ವೀಡಿಯೊಗಳು