2 Коринфӕгтӕм 2
2
1Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мӕхицӕн хуыздӕрыл банымадтон сымахмӕ нӕ ацӕуын, цӕмӕй та уын ногӕй зӕрдӕхъыджы хос ма разынон. 2Хъыджы уӕ куы бафтауон, уӕддӕр мын мӕ зӕрдӕ чи барухс кӕндзӕн, хъыджы кӕй бафтыдтон, уыдоны йеддӕмӕ? 3Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, цӕмӕй уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уе ’ппӕты цин дӕр у.#2 Кор 1:14. 4Ӕз уӕм мӕстджынӕй ӕмӕ зӕрдӕрыстӕй, бирӕ цӕссыг калгӕйӕ, масты уӕ бафтауыны тыххӕй нӕ ныффыстон, фӕлӕ цӕмӕй сымах базонат, ӕз уӕ куыд бирӕ уарзын, уый.#1 Кор 5:1.
Дӕ бафхӕрӕгӕн ныббар
5Ӕмӕ кӕд исчи искӕй зӕрдӕйы маст бауагъта, уӕд уымӕй мӕн не смӕстджын кодта, фӕлӕ — ныхас ӕгӕр карз куыд нӕ рауайа, афтӕ мӕ фӕнды — иу цасдӕр уе ’ппӕты дӕр. 6Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.#1 Кор 5:4. 7Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа. 8Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын уӕ уарзт ӕм хъуыддагӕй равдисын. 9Фысгӕ дӕр уӕм, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс стут ӕви нӕ, уый бафӕлварыны тыххӕй ныккодтон. 10Кӕмӕн хатыр кӕнут, уымӕн ӕз дӕр хатыр кӕнын. Ӕз цы ныббарстон (кӕд уӕвгӕ исты ныббарстон), уӕд ӕй Чырыстийы раз уӕ сӕраппонд ныббарстон, 11цӕмӕй нын сайтан зиан ма ӕрхӕсса — йӕ фыдвӕндтӕ нын зындгонд сты.#Лк 22:31; 1 Пет 5:8.
Павел Троадӕ ӕмӕ Македонийы
12Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Бардарӕг дуӕрттӕ байгом кодта, 13уӕддӕр мӕ уд ӕнцой нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ ме ’фсымӕр Тит уым нӕ разынди. Уымӕ гӕсгӕ сын хӕрзбон загътон ӕмӕ ацыдтӕн Македонимӕ.
14Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр. 15Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.#1 Кор 1:18; 2 Кор 4:3. 16Иутӕн уый у мӕлӕты тӕф мӕлынӕн, иннӕтӕн та — царды хӕрздӕф цӕрынӕн. Адӕмӕй исчи разындзӕн, мыййаг, ахӕм куысты аккаг?#Лк 2:34; 2 Кор 3:5. 17Бирӕтӕ цӕстфӕлдахджытау зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм — Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.#2 Кор 1:12; 4:2; 11:15; 1 Тим 6:5; Тит 1:11.
Actualmente seleccionado:
2 Коринфӕгтӕм 2: ИрББЛ2022
Destacar
Compartir
Copiar
¿Quieres guardar tus resaltados en todos tus dispositivos? Regístrate o Inicia sesión
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: