1 Тимофеймӕ 2:8-10
1 Тимофеймӕ 2:8-10 ИРББЛ2022
Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй. Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ, фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй.




