1 Фессалоникӕгтӕм 1
1
1Павелӕй, Силуанӕй ӕмӕ Тимофейӕ — Фыд Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы аргъуанмӕ Фессалоникӕйы. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.#Хъуыд 16:1; Гал 1:3. 2Мах уе ’ппӕты тыххӕй дӕр кӕддӕриддӕр арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн ӕмӕ, куы фӕкувӕм, уӕд нӕ рох никуы вӕййут#Флп 1:3; 2 Фес 1:3. 3нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.#Хъуыд 17:4. 4Хуыцау сымах кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ уӕ кӕй уарзы, уый махӕн зындгонд у, не ’фсымӕртӕ. 5Уымӕн ӕмӕ уын нӕ Фарны Уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый.#Ром 15:19. 6Ӕмӕ сымах бафӕзмыдтат мах ӕмӕ Бардарӕг Йесойы. Уӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ницӕмӕ даргӕйӕ, Фарны Уац уӕ зӕрдӕтӕм айстат, Сыгъдӕг Уд цы циндзинад ратты, уыимӕ.#Флп 3:17. 7Ӕмӕ афтӕмӕй фӕзминаг систут Македонийы ӕмӕ Ахайы ӕппӕт уырнджытӕн. 8Бардарӕджы Фарны Уац сымахӕй анхъӕвзта канд Македонийыл ӕмӕ Ахайыл нӕ, фӕлӕ, Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндут, уыцы хабар бахӕццӕ алы ранмӕ дӕр, ӕмӕ ныр мах уый тыххӕй дзурын ницӕмӕнуал хъӕуы. 9Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл — сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ, 10ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй.
Actualmente seleccionado:
1 Фессалоникӕгтӕм 1: ИрББЛ2022
Destacar
Compartir
Copiar
¿Quieres guardar tus resaltados en todos tus dispositivos? Regístrate o Inicia sesión
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: