1 Коринфӕгтӕм 2
2
Павел хъусын кӕны Фарны Уац
1Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад хъусын кӕнынмӕ, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ уӕ цӕсты мӕхи зондджынӕй равдисыныл нӕ архайдтон.#1 Кор 1:17. 2Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.#1 Кор 1:23; 15:3; Флп 3:8. 3Ӕз сымахмӕ уыдтӕн лӕмӕгъӕй, ӕнцой нӕ зыдтон, аккаг куынӕ разынон, уымӕй тӕрсгӕйӕ.#Хъуыд 18:1. 4Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ,#2 Пет 1:16. 5цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур уа адӕймаджы уӕлзонд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъару.#2 Кор 6:7.
Хуыцауы уӕлзонд
6Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй, сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ,#Йак 3:15. 7фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл — дуне сфӕлдисыны агъоммӕ Хуыцау нӕ кадӕн кӕй снысан кодта, ууыл.#Ром 14:24; Эф 3:9. 8Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд кадджын Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ байтыгътаиккой дзуарыл.#Мт 11:25; Хъуыд 13:27; 2 Кор 3:14. 9Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы:
«Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста,
ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд,
чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау
цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».
10Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.#Мт 13:11; Мк 4:11; Ин 14:26. 11Адӕймагмӕ цы ис, уый адӕмӕй чи зоны, адӕймаджы мидӕг чи цӕры, уыцы моны йеддӕмӕ? Афтӕ, Хуыцаумӕ цы ис, уый дӕр, Хуыцауы Уды йеддӕмӕ, ничи зоны.#Ром 11:33. 12Мах та схайджын стӕм ацы дунейы монӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.#Ром 8:15.
13Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы цӕуы, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн.#1 Кор 1:17. 14Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.#Ром 8:5. 15Фӕлӕ Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый аргъ кӕны алцӕмӕн дӕр, уымӕн та аргъ кӕнын никӕй бон у. 16Уымӕн ӕмӕ
«Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта,
ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?»
Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.#Ром 11:34.
Actualmente seleccionado:
1 Коринфӕгтӕм 2: ИрББЛ2022
Destacar
Compartir
Copiar

¿Quieres guardar tus resaltados en todos tus dispositivos? Regístrate o Inicia sesión
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: