Байгом уын кӕнӕд уӕ зӕрдӕйы цӕстытӕ, цӕмӕй фенат, цы зӕрдӕдарӕнмӕ уӕм басидт, уый цавӕр у, куыд хъӕздыг сты, йӕ сыгъдӕджыты ӕмрӕнхъ уын хай кӕмӕй уыдзӕн, Йӕ уыцы диссаджы бынтӕ, куыд ӕгӕрон у Йӕ хъомысы стырад нӕ зӕрдӕты мидӕг махӕн — уырнджытӕн, Йӕ барджын тыхы архайды фӕрцы. Уыцы тыхӕй Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта Чырыстийы ӕмӕ Йӕ ӕрбадын кодта Йӕ рахизфарс уӕлӕрвты, цыфӕнды хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕй, цыфӕнды тых ӕмӕ хъомысӕй уӕлдӕр; Йӕ ном та йын ӕппӕт нӕмттӕй фӕуӕлдӕр кодта канд ацы ӕнусы нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр.