YouVersion Logo
Search Icon

Райдиан 2

2
1Афтӕ сӕнтысти дуне. 2Ӕвдӕм бонмӕ Хуыцау арӕзт фӕци Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ ӕмӕ уыцы бон ӕрӕнцади Йӕ алы куыстӕй. 3Хуыцау арфӕ ракодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ скодта уаз, уымӕн ӕмӕ уыцы бон Йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй ӕрулӕфыди.
4Гъе ахӕм у арв ӕмӕ зӕхх сфӕлдисыны таурӕгъ.
Дунедарӕг Хуыцау зӕхх ӕмӕ арв куы сфӕлдыста, 5уӕд зӕххыл нӕма уыди нӕдӕр къудзи, нӕдӕр зайӕгхал, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау зӕхмӕ доны ’ртах нӕма ӕруагъта, зӕххыл кусынмӕ адӕймаг дӕр нӕма уыд, 6фӕлӕ зӕххӕй уӕлӕмӕ хъардта дон ӕмӕ йын ӕфсӕста йе ’ппӕт уӕлцъар. 7Дунедарӕг Хуыцау зӕххы рыгӕй сфӕлдыста адӕймаджы, царды комулӕфт дзы бауагъта, ӕмӕ адӕймаг сси удгоймаг.
8Дунедарӕг Хуыцау скӕсӕны, Едемы, скодта дыргъдон ӕмӕ дзы ӕрцӕрын кодта Йе сфӕлдыст адӕймаджы, Адамы#2:8Адам амоны «адӕймаг», «нӕлгоймаг», «адӕймӕгтӕ», «адӕм».. 9Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта, йӕ уынд зӕрдӕмӕдзӕугӕ, йӕ дыргъ та хӕрынӕн бӕзгӕ кӕмӕн у, алы ахӕм бӕлӕстӕ, дыргъдоны астӕу — царды бӕлас, стӕй хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕлас.
10Едемӕй калди цӕугӕдон, донӕй ӕфсӕста дыргъдон ӕмӕ цыппар къабазӕй згъордта дарддӕр. 11Цӕугӕдӕттӕй сӕ иуӕн йӕ ном — Пишон. Уый кӕлы сыгъзӕринарӕх Хавилайы зӕххыл, кӕрӕй-кӕронмӕ. 12Уыцы зӕххӕн йӕ сыгъзӕрины хъӕд хорз у, ноджы ма дзы ис хӕрздӕфгӕнӕн чъиу бдолах ӕмӕ зынаргъ дур оникс. 13Иннӕ — Гихон, кӕлы Кушы ӕппӕт зӕххыл. 14Ӕртыккаг — Тигр, кӕлы Ассирийы скӕсӕйнаг фӕрсты. Цыппӕрӕм у Евфрат.
15Дунедарӕг Хуыцау Адамы ӕрцӕрын кодта Едемы дыргъдоны, цӕмӕй дзы змӕла, зила йӕм. 16Ноджы ма йын бафӕдзӕхста: «Дыргъдоны бӕлӕстӕй кӕцыфӕндыйы дыргътӕй дӕр хӕр, 17ӕрмӕст хорз ӕмӕ ӕвзӕр базоныны бӕласмӕ ма бавнал. Йӕ дыргътӕй йын куы фӕхъӕстӕ уай, уӕд уыцы бон ӕрбамӕлдзынӕ».
18Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адамӕн хорз нӕу иунӕгӕй цӕрын. Сфӕлдисон ын йӕхи аккаг ӕххуысгӕнӕг».
19Дунедарӕг Хуыцау зӕххӕй сӕнтысын кодта алы сырд ӕмӕ алы маргъ, ӕрбакодта сӕ Адаммӕ, цы нӕмттӕ сын ратдзӕни, уый фенынмӕ. Алы цӕрӕгойыл дӕр хъуамӕ баззадаид, адӕймаг ын цы ном ратта, уый. 20Адам радта нӕмттӕ алы фос, алы уӕларвон маргъ ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойӕн. Фӕлӕ уыдоны ’хсӕн адӕймагӕн аккаг ӕххуысгӕнӕг нӕ разынд. 21Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Хуыцау Адамыл бафтыдта тарф фынӕй. Куы бафынӕй ис, уӕд ын йӕ фӕрсчытӕй иу систа ӕмӕ фӕрсчы бынат сӕхгӕдта буарӕй. 22Адамӕй цы фӕрск систа, уымӕй Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста сылгоймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакодта Адаммӕ. 23Нӕлгоймаг загъта: «Мӕнӕ гъе, ай у мӕ туг, ме стӕгӕй; уый хуындзӕни сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ нӕлгоймагӕй ист у».
24Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар.
25Сӕ дыууӕ дӕр, нӕлгоймаг ӕмӕ йӕ ус, уыдысты мадард бӕгънӕг, фӕлӕ сӕм уый худинаг нӕ касти.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion uses cookies to personalize your experience. By using our website, you accept our use of cookies as described in our Privacy Policy