1
1 Тимофеймӕ 6:12
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Ӕнувыдӕй тох кӕн уырнындзинадыл, фидар хӕц мыггагмӕйы цардыл. Уыцы цардмӕ дӕ ӕрхуындӕуыд, ӕмӕ йӕ сӕраппонд дӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргомӕй загътай бирӕ ӕвдисӕнты раз.
Compare
Explore 1 Тимофеймӕ 6:12
2
1 Тимофеймӕ 6:10
Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт фыдбылызтӕн сӕ уидаг у ӕхцамӕ бӕллын. Ӕхцамӕ бӕлгӕйӕ, иуӕй-иутӕ фӕхауӕггаг сты уырнындзинады фӕндагӕй ӕмӕ сӕхиуыл хъизӕмӕрттӕ бафтыдтой.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:10
3
1 Тимофеймӕ 6:6
Уырнындзинад хъӕздыг кӕны, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, уыцы адӕймаджы.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:6
4
1 Тимофеймӕ 6:7
Уымӕн ӕмӕ мах дунемӕ ницы ӕрхастам, ӕмӕ дзы нӕ бон ницы ахӕссын бауыдзӕн.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:7
5
1 Тимофеймӕ 6:17
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:17
6
1 Тимофеймӕ 6:9
Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:9
7
1 Тимофеймӕ 6:18-19
Уыдон аразӕнт хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕ уӕнт сӕ хъӕздыгдзинад; уадз ӕмӕ уой рӕдау ӕмӕ зӕрдӕхӕлар; ӕмбырд кӕной, фидӕнӕн ӕнӕфӕцудгӕ бындур чи у, уыцы хӕзна, цӕмӕй райсой ӕцӕг цард.
Explore 1 Тимофеймӕ 6:18-19
Home
Bible
Plans
Videos