1
1 Коринфӕгтӕм 2:9
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста, ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый».
አወዳድር
{{ጥቅስ}} ያስሱ
2
1 Коринфӕгтӕм 2:14
Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.
3
1 Коринфӕгтӕм 2:10
Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцауы уӕлзонды арфмӕ дӕр.
4
1 Коринфӕгтӕм 2:12
Мах та схайджын стӕм ацы дунейы монӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый.
5
1 Коринфӕгтӕм 2:4-5
Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ, цӕмӕй уӕ уырнындзинады бындур уа адӕймаджы уӕлзонд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъару.
ቤት
መጽሐፍ ቅዱስ
እቅዶች
ቪዲዮዎች